Ultimate magazine theme for WordPress.

- реклама -

Цæгат Ирыстоны 2860 адæймаджы не скодтой «Спутник V»-йы дыккаг компонент

0

Привикæйы фыццаг хай скæнын, дыккагмæ та мауал æрбацæуын. Афтæмæй, вакцинæйæ пайда ис æви нæй? Цæгат Ирыстоны 2 мин адæймагæй фылдæр коронавирусы ныхмæ препарат скæнынмæ не рбацыдысты. Цавæр аххосæгтæ ис уымæн, уый цæрджытæ нæ дзурынц. Уыимæ прививкæйы фыццаг хайæ иммунитет нæ фæхъæддыхдæр уыдзæн.

Елена Смирнова вакцинæ «Спутник V» дыууæ компоненты дæр скодта. Ахæм хуызы йæ фæнды йæхи æмæ йæ бинонты коронавирусы инфекцийæ бахъахъхъæнын. Вакцинаци кæй ацыд, ууыл фæсмон нæ кæны. Ныр йæ бон æдасæй цæуын у адæмы астæумæ. Куыд радзырдта, афтæмæй дыккаг компонент райсынмæ цалдæр боны айрæджы кодта. Поликлиникæмæ бацыд цалдæр боны фæстæ. Куыст æмæ йæ хæдзары хъуыддæгтæй нæ равдæлд.

Цæгат Ирыстоны 2 мин 860 адæймаджы вакцинацийы дыккаг къæпхæн нæ ацыдысты. Уый тыххæй оперативон штабы æмбырды фехъусын кодта Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазмæ цæстдарæн федералон службæйы разамонæг Ольга Давыдова. Пациент препараты дыккаг хай куынæ райса, уæд вакцинаци нæ ацыд. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм пациенттæ сæ иммунитет куы нæ фæхъæддыхдæр кæной, уæд низ нæ басæтдзысты. Адæймаг инфекциты ныхмæ лæмæгъ у. Вакцинацийы æппæт къæпхæнтæ дæр чи ацæуа, уымæн æвзæр фæстиуджытæй тæссаг нæу.

Цæгат Ирыстоны вакцинацийы дыккаг компонент чи нæ скодта, уыдоны нымæц июлы райдианæй нырмæ зынгæ фæфылдæр. Ныридæгæн уавæр чысыл фæхуыздæр. Фыццаг компоненты фæстæ афойнадыл адæймаг куы нæ фæзына дзæбæхгæнæндонмæ, уæд хъæудзæн ногæй ацæуын вакцинацийы дыууæ къæпхæны дæр. Цæмæй адæймагмæ иммунитет фæзына.

Цæмæй низы парахат бауромæм, уый тыххæй вакцинаци ацæуын хъæуы цæрджыты 60 проценты. Ныридæгæн привикæ скодтой 32 проценты.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Оставьте ответ

Ваш электронный адрес не будет опубликован.